Перейти к содержанию

Йесо Чырысти

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Чырысти-æй æрвыст)
Йесо Чырысти. VI æнусы иконæ

Йесо Чырысти, дыгуронау Киристе (гр. Ἰησοῦς Χριστός, рагон слав. Їисъ Хрїстъ, уырыс. Иисус Христос) чырыстон дины у Хуыцауы фырт, адæймаг æмæ Хуыцау, Сыгъдæг Æртæиууоны дыккаг гоймаг.

Йесо райгуырдис Вифлеемы, Иудейы. Йæ цард æмæ архайд афыссынц Ног Фæдзæхсты цыппар чиныджы — Матфей, Марк, Лука æмæ Иоанны Евангели. Йесо Чырысти æцæгæй кæй цардис, ууыл æвдисæн сты, йæ кой чи кæнынц, чырыстон динимæ баст чи нæ уыдысты, уыцы рагон авторты тексттæ (Иосиф Флавий, Корнелий Тацит æмæ æндæртæ).

Пысылмон дины Йесо — арабб. عيسى بن مريم‎‎ [иса бин мариам] — нымад у Хуыцауы пехуымпарыл, фондз ахсджиагдæр пехуымпартæй иуыл.


pFad - Phonifier reborn

Pfad - The Proxy pFad of © 2024 Garber Painting. All rights reserved.

Note: This service is not intended for secure transactions such as banking, social media, email, or purchasing. Use at your own risk. We assume no liability whatsoever for broken pages.


Alternative Proxies:

Alternative Proxy

pFad Proxy

pFad v3 Proxy

pFad v4 Proxy