Пысылмон дин
Пысылмон дин[1], дыгур. пусулмон дин (Ислам дæр, арабб. الإسلام) у дунеон динтæй иу. Чырыстон дин æмæ иудаизмы иумæ пысылмон дин сты авраамон динтæ. Йæ бындурæвæрæг у Хуыцауы пехуымпар Мæхæмæт. Пысылмон дины сыгъдæг чиныг у Хъуыран. Пысылмæттæ хъуамæ æрвылбон фондз хатты кæной ламаз. Цæмæй пысылмон суай, уый тыххæй хъæуы зæгъын шахадæ.
Чырыстон дины Хуыцауы фырт Йесо Чырысти пысылмон дины у пехуымпар.
Цæгат Кавказы адæмты фылдæр хай сты пысылмæттæ.
Пысылмон дин Ирыстоны
[ивын | Бындур ивын]Ирæтты иу хай (уæлдайдæр дыгурæттæ) сты пысылмæттæ, фæлæ уыдоны ’хсæн бирæ сæхи пысылмæттыл нымайынц æрмæст традицимæ гæсгæ: ламаз нæ кæнынц, мæзджытмæ нæ цæуынц. Пысылмон хъæутæ Ирыстоны сты Зилгæ, Елхот, Цыкола, Заманхъул æмæ æндæртæ.[2]
Кæс ноджы
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. II том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Ленинград, 1973.
- ↑ Archive copy(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 4 февралы. Архив 2009-æм азы 24 январы.