Перейти к содержанию

Асеновград

42°00′29″ с. ш. 24°52′38″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сахар
Асеновград
болг. Асеновград
Герб
Герб
42°00′29″ с. ш. 24°52′38″ в. д.HGЯO
Паддзахад Болгари Болгари
Облæст Пловдивы облæст
Хъæубæстæ Асеновград
Истори æмæ географи
Раздæры нæмттæ Станимакæ
Фæзуат
  • 78,012 км²
Центры бæрзæнд 269 м
Сахатон таг UTC+2:00, сæрды UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +359 331
Посты индекстæ 4230
Автомобилон код РВ
assenovgrad.com
Асеновград (Болгари)
Асеновград (Пловдивы облæст)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Асеновгра́д (болг. Асеновград; 1934 азмæ — Станимакæ) у сахар Болгарийы хуссары Пловдивы облæсты, Пловдивæй 19 км æдде. Уый у облæсты дыккæгæм стырдæр сахар æмæ Асеновграды хъæубæстæйы административон центр.

Сахары мидæг æмæ йæ алфамбылай бирæ аргъуантæ æмæ моладзандæттæ ис, уый тыххæй Асеновграды иуæй-иу хатт хонынц Чысылдæр Иерусалим[2]. Сахары цур лæууы Болгарийы дыккаг стырдæр моладзандон — Сыгъдæг Мадымайрæмы Бачковски моладзандон. Уыцы моладзандоны бындур сæвæрдтой 1083-æм азы дыууæ гуырдзиаг лæджы — Григол Бакуриани (византиаг æфсæддон) æмæ йе ’фсымæр Абазий.

Асеновграды цæрынц, иннæ болгайраг сахартимæ абаргæйæ, бирæ туркæгтæ (цæрджытæй 20%-ы бæрц), кусы иу мæзджыт, иу мæзджыт ма аразынц.

Асеновград æмæ Пловдив кæрæдзийы ’рдæм рæзынц, æмæ сомбоны иу агломераци уыдзысты.

Æфсымæрон сахартæ

[ивын | Бындур ивын]

Асеновградмæ ис æфсымæрон кæнæ сæрмагонд æххæстытæ мæнæ уыцы сахартимæ:[3]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. https://www.grao.bg/tna/t41nm-15-03-2024_2.txt
  2. малкия Йерусалим(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 19 февралы. Архив 2010-æм азы 10 февралы.
  3. Списък на побратимени градове
  4. 4,0 4,1 http://www.tova-e-bulgaria.com/Plovdiv/Asenovgrad/(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 19 февралы. Архив 2007-æм азы 17 майы.


pFad - Phonifier reborn

Pfad - The Proxy pFad of © 2024 Garber Painting. All rights reserved.

Note: This service is not intended for secure transactions such as banking, social media, email, or purchasing. Use at your own risk. We assume no liability whatsoever for broken pages.


Alternative Proxies:

Alternative Proxy

pFad Proxy

pFad v3 Proxy

pFad v4 Proxy